Хицауады сæрдар Мæргъиты Сосланы арфæ Уастырджыйы бæрæгбоны фæдыл

22.11.2026, 09:06


Фотографии

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй æмæ мæхи номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын нæ рагон æмæ кадджын бæрæгбон - Уастырджыйы кувæн бонты фæдыл!

Къуырийы дæргъы æппæт ирон адæм кувдзысты Иунæг Стыр Хуыцаумæ æмæ йæ минæвар Уастырджымæ æмæ курдзысты сабырдзинад, цæмæй кæрæдзийы æмбарæм, нæ иудзинадыл. Уастырджы нын нæ куывдтӕ хорзæн айсæд!

Зæрдиагæй мæ фæнды, цæмæй алы хæдзар дæр Хуыцау æмæ Уастырджыйы фæдзæхст уа, фæрнæйдзаг куыд уой алкæй бинонтæ - æнæниз æмæ æнæмаст нæ хистæртæ, амондджын æмæ рæствæндаг нæ кæстæртæ! 

Абон нæ лæппутæ хъæбатырæй хъахъхъæнынц нæ Фыдыбæстæйы æдасдзинад, æвдисынц сæ фыдæлты аккаг хъайтардзинад æмæ уыдонæн зæрдæбынæй кувдзыстæм Уастырджымæ, цæмæй сæ бахъахъхъæна хæсты быдыры, цæмæй сын баххуыс кæна сæ хæдзæрттæм уæлахизимæ æрыздæхын æнæниз æмæ сæрæгасæй!

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Уастырджы уын æххуысгæнæг уæд уæ алы хъуыддаджы дæр, бахизæд уæ æппæт фыдбылызтæй. Алкæй зæрдæйы цыдæр хорз фæндтæ ис, æмæ дзæбæхæй уæ къухы бафтæт йе ‘ххуысæй. Уæ царды фæндæгтæ уын рæстмæ кæнæд!

Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд!


Поделиться